Similar Songs
Credits
PERFORMING ARTISTS
Ким Суанов
Performer
COMPOSITION & LYRICS
Ким Суанов
Composer
Lyrics
Хъæдмæ мæ тагъддæр фæцæуын фæнды.
Зарæг цъиу диссаджы зарæг кæны
Хъæды изæрæй бæласы сæрæй
Булæмæргъ, ма фæтæх дард
Ма фæтæрс, ма фæтæрс, бæласыл бад
Азар мын, цæй, ма тæрс мæнæй
Зæрдæ æнцадæй ныр — хъæлдзæг, æнкъард
Диссаджы зардæй мæ зæрдæ æрцард
Хъусын, лæууын, худын, кæуын
Азар мын, булæмæргъ, цæй
Райдæй та, райдæй та тагъддæр, хъæрæй
Ма уадз дæ зард, ма бад æнцад
Дидинæг, дидинæг, ракал дæ тæф
Диссаджы тæфæй ды дзаг кæн уæлдæф
Рæз мын ды дæр, тæф кæн фылдæр
Хæхтæй фæтулы нæ хур
Азар-ма, азар-ма, цæй, ды, мæ хур
Уæ, цъиу, мæ бон æз ныр кæуон
Written by: Ким Суанов