收錄於

積分

演出藝人
MARSALANA
MARSALANA
演出者
Марта Харебова
演出者
詞曲
Вадим Харебов
詞曲創作

歌詞

Зардзынæн æз дæуæн
Куы бафынæй кæнай мæ риуыл,
Куы бафынæй кæнай...
Ссуддзынæн æз дæуæн
Мæ зæрдаейы æртæ цырагъы,
Æссуддзынæн дæуæн...
Фыццаг цырагъ Хуыцауæн,
Дыккагæн нæй зæгъæн...
Æртыккаг мын лæварæн, -
Æнæ уарзтæй нæй цæрæн.
Ды мæнæн дардзынæ
Суадонæй сыгъдæг-сыгъдæг дон,
Мæнæнды дардзынæ...
Къухтыл мæн хæссдзынæн,
Дæ разы дын æстъалытæй
Фæндаг æскæндзынæн...
Иумæ тæхæм æрмæст,
Немæ тæхæт цæргæс,
Алкæмæн дæр зæгъæт, -
Уарзт у æнæмæлæт.
Ды мæнæн зардзынæ,
Куы бафынæй кæнай мæ риуыл,
Ды мæнæн зардзынæ...
Ссуддзынæн æз дæуаен
Дæ зæрдæйы æртæ цырагъы,
Æссуддзынæн дæуæн...
Фыццаг цырагъ Хуыцауæн,
Дыккагæн нæй зæгъæн...
Æртыккаг мын лæварæн, -
Æнæ уарзтæй нæй цæрæн
Ды мæнæн зардзынæ...
Written by: Вадим Харебов
instagramSharePathic_arrow_out